Доныскъаефаены хорзаех уаед нае ирон адаемы, Ирыстоны аеппает цаерджыты!

Абон Раестдин Чырыстон аргъаун дунейы аеппает каераетты мысы нае Бардараег аемае Хуыцау Йесо Чырыстийы Рухсаргьуыд Иорданы даетты.

Баераегбоны ирон ном, Доныскъаефаен, тынг ирдаей аевдисы абон сахарты аемае хъаеуты раестдин адаем цы аемаезмаелд каенынц, уый. Дон аескъаефаем нае хаедзаерттаем, наехи дзы найаем, нае къуымтае дзы пырх каенаем. Фарндаеттаег, фыдбылызсафаег у абоны дон. Чидаериддаер дзы нуазы, йаехи дзы найы, Хуыцаумае кувгаейае, уый йын аенаемаенг банкъары йе стыр тых.

ЦАЕМАЕН АФТАЕ У? ЦЫ ДАЕТТЫ АБОНЫ ДОНАЕН АХАЕМ ДИССАДЖЫ ТЫХ?

Даетты йын аей Аргъуаны иумаеййаг куывд. Йесо Чырыстийы Рухсаргъуыд мысгаейае, аз иу хатт аеппает дунейы раестдин патриархтае, алчертае, сауджынтае, алчидаер йаехи бынаты, Хуыцаумае скувынц аемае ракурынц, цаемаей цыдаериддаер заеххыл даеттае ис, уыдоны Дунесфаелдисаег Йае Фырт Чырыстийы Рухсаргъуыды номыл срухс каена аемае сын радта Иорданы тых аемае хъару.

Наехи Ирыстоны даер, Хуыцау фаерцы, ис Чырыстийы Рухсаргъуыды номыл моладзандон. Хуыцауы фаендонаей, бирае даеттае каем ис, ахаем ран араезт аерцыд.

15 азы даергъы Доныскъаефаен къуыри нае даеттам аербацаеуы цалдаер мин адаеймаг. Хуыцау уае алкаемаендаер Йе стыр фарнаей фаехай каенаед!